Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». Ӕмӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона». Фӕлӕ сын Йесо тынг бафӕдзӕхста, уый тыххӕй мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн раттой хӕринаг. Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой. Фӕлӕ сын цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас фылдӕр хӕлиу кодтой уыцы хабар.
Выбор основного перевода