Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн». Иухатт фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн. Афтӕ ничи зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис». Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджы дӕлбар адӕмы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд. Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.
Выбор основного перевода