Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Иерусалиммӕ; Йесо цыди сӕ разӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ дисы ӕфтыдысты, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыд. Йесо ногӕй фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын дзурын райдыдта, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй: Уый фӕстӕ Йесо Йӕ Мадимӕ, Йе 'фсымӕртимӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыд Капернауммӕ ӕмӕ дзы фесты цалдӕр боны. Ӕрхӕстӕг Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон. Акӕн сӕ ӕмӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн семӕ, сӕ хӕрдзтӕ сын райс дӕхимӕ. Уыдон адасдзысты сӕ сӕртӕ, ӕмӕ иууылдӕр фендзысты, дӕу тыххӕй цы фехъуыстой, уый раст кӕй нӕу, ды дӕхӕдӕг дӕр Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс. Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕйы тыххӕй дӕр нывондтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода