Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард ӕппӕт адӕмӕн уыди рухс. Фыртыл ӕууӕндӕг схайджын мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн – Хуыцауы фыдӕх ӕй баййӕфта». Фыд мӕрдты куыд райгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн. Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг, Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ уд ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн мыггагмӕйы цардӕн. Ӕмӕ Ӕз зонын, Йӕ фӕдзӕхст мыггагмӕйы цардмӕ кӕй кӕны, уый. Уӕдӕ Ӕз дзурын, Мӕ Фыд Мын цы загъта, уый». Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не 'рцӕуа, уӕд. Адамимӕ иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты Чырыстиимӕ, Алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд та – йӕхионтӕ.
Выбор основного перевода