Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Иаков ӕмӕ [фӕсномыгӕй Леввей кӕй хуыдтой, уыцы] Фаддей, Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Иерусалиммӕ; Йесо цыди сӕ разӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ дисы ӕфтыдысты, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыд. Йесо ногӕй фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын дзурын райдыдта, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй: Фӕлӕ Петр ноджы ныфсджындӕрӕй дзырдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр Дыл мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр. Йесо куы ӕрцыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй Фаззон, семӕ нӕ уыд. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый загъта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлтӕй хъӕдгӕмттӕ куы нӕ фенон, ме 'нгуылдз уыцы хъӕдгӕмтты куы нӕ бавӕрон, мӕ къух та – Йӕ фарсы хъӕдгомы, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн». Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр уыд семӕ. Дуӕрттӕ уыдысты ӕхгӕд, афтӕмӕй бацыд Йесо, ӕрлӕууыд се 'хсӕн ӕмӕ загъта: «Фӕрнджын ут!» Стӕй загъта Фомайӕн: «Ӕри-ма де 'нгуылдз ардӕм ӕмӕ фен Мӕ къухтӕ. Ӕри дӕ къух ӕмӕ йӕ бавӕр Мӕ фарсы хъӕдгомы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ма у, фӕлӕ уырнӕг». Фома йын дзуапп радта: «Мӕ Хицау ӕмӕ Мӕ Хуыцау!» Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл.
Выбор основного перевода