Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын йӕ бафидын кӕй нӕу, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ дӕ мызд райсдзынӕ рӕстыты райгасы бон». Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, Ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынмӕ, фыдгӕнджытӕ та – ӕфхӕрд баййафынмӕ. Мӕ Рарвитӕгӕн та фӕндон у, цӕмӕй Уый Мӕнӕн кӕй радта, уыдонӕй Ӕз макӕй фесафон, фӕлӕ сеппӕты дӕр райгас кӕнон фӕстаг бон. Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды фӕнды, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн». Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.
Выбор основного перевода