Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейӕйыл цӕуын та Йӕ нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейтӕ агуырдтой амарынмӕ. Уӕд иерусалимӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Марынмӕ кӕй агурынц, ай Уый нӕу? Ӕз зонын, Авраамы байзӕддаг кӕй стут, уый. Уӕддӕр Мӕ хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ дзырд нӕ хъары. Сымах та Мӕн, Хуыцауӕй ӕцӕгад фехъусӕг ӕмӕ уын ӕй радзурӕг Адӕймаджы, амарынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта.
Выбор основного перевода