Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уым Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ, ӕмӕ Йесо фынгыл куы бадт, уӕд Ын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын. Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хӕдзары. Ӕмӕ фынгыл куы бадт, уӕд ӕрбацыд иу сылгоймаг, нард цы зайӕгой хонынц, уымӕй ист сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йесойы сӕрыл уадзын. Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй. Мариа та райста, нард цы зайӕгой хонынц, уымӕй ист сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ, ныссӕрфта Йын сӕ йӕ дзыккутӕй, ӕмӕ хӕдзар байдзаг хӕрздӕфӕй.
Выбор основного перевода