Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Райсом та фендзыстут Хуыцауы кад, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, кӕй йыл хъуырхъуыр кодтат, уый. Мах та чи стӕм, ӕмӕ ныл хъуырхъуыр кӕнат?» Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низ мӕлӕтмӕ нӕ кӕны, фӕлӕ Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы скадджын уа Хуыцауы Фырт». Йесо йын загъта: «Де 'фсымӕр райгас уыдзӕн». Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Мӕныл ӕууӕндӕг кӕцыфӕнды цардӕгас уд мыггагмӕ дӕр нӕ амӕлдзӕн. Уырны дӕ?»
Выбор основного перевода