Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уӕд Йесо загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. Ныр Мӕ уд фӕтыхст. Ӕмӕ Ӕз афтӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй"? Ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй куы ӕрцыдтӕн. Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн.
Выбор основного перевода