Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куы ныббарат, уӕд сымахӕн дӕр уӕ Уӕларвон Фыд ныббардзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куы нӕ ныббарат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн. Раст цы у, уый уӕхӕдӕг цӕуылнӕ зонут? Дӕ зылынгӕнӕгимӕ хицӕуттӕм куы цӕуай, уӕд архай фӕндагыл йемӕ бафидауыныл; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый баппардзӕн ахӕстоны. Зӕгъын дын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг лептӕйы онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй».
Выбор основного перевода