Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы адзӕгъӕл уа, ӕмӕ йӕ ды куы ссарай, уӕд ӕй ӕрбатӕр йӕ хицаумӕ. Де знаджы хӕрӕг уаргъы бын куы ӕрхауа, уӕд ӕй ӕнӕ де 'ххуысӕй ма ныууадз: иумӕ йын сисут йӕ уаргъ. Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се 'хсӕн байуӕрстой. Стӕй ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Хицау, ацы тӕригъӕд сын ныббар». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард. Уе 'фхӕрджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй – ӕлгъитгӕ сӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй. Уӕдӕ «кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ӕй бафсад; кӕд ын дойны у, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын йӕ сӕрыл ӕркалдзынӕ цӕхӕр». Нӕхи цӕнгтӕй кӕнӕм уӕззау куыст. Ӕлгъитынц нӕ, мах та сын Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ, ӕмӕ мах фӕразӕм. Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид.
Выбор основного перевода