Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕхи рӕстгӕнӕгыл чи нымадта ӕмӕ иннӕты чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕн дӕр Йесо загъта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ бакувынмӕ: сӕ иу – фарисей, иннӕ – хъалонисӕг. Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй. Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; меппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн". Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн". Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг нал сыстонг уыдзӕн, ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн. Уыдон нал кӕндзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны. Хур дӕр сӕ нал судздзӕн ӕмӕ сӕ ӕнтӕф дӕр нал хъыгдардзӕн. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ кӕндзӕн хизынмӕ ӕмӕ царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй асӕрфдзӕн сӕ цӕссыг».
Выбор основного перевода