Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, зонд амонӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм алы адӕймаджы дӕр, цӕмӕй алы адӕймаджы дӕр Хуыцауы раз ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый руаджы ӕнаиппӕй.
Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна, алцӕмӕй дӕр бынтон нывыл куыд уат, ӕппындӕр уӕм аипп куыд нӕ уа, уымӕ.