Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац. Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у. «Мӕнмӕ Хуыцауы Уд ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Мӕн байсӕрста. Ӕмӕ Мӕ рарвыста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, [зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнынмӕ,] уацайрӕгтӕн сӕрибары, куырмытӕн цӕстӕй ракӕсыны афон кӕй ралӕууыд, уый тыххӕй сын зӕгъынмӕ, фӕлмӕцыдты суӕгъд кӕнынмӕ, Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын, Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.
Выбор основного перевода