Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Авраммӕ уыцы цауты фӕстӕ цӕстылуайӕны фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Мацӕмӕй тӕрс, Аврам. Ӕз дӕ уарт дӕн; тынг стыр у дӕ хӕрзиуӕг». Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат. Хицау Йесойы ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейтӕ амардтой, мах дӕр фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты. Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, домбӕйтты-иу ӕрсабыр кодтой, Арт сыл нӕ тых кодта, аирвӕзтысты-иу карды комӕй, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ стыхджын сты, хӕсты уыдысты хъаруджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕцӕгӕлӕтты ӕфсад. Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй – уыдон-иу сӕрибар райсын нӕ бакуымдтой, цӕмӕй райгас уой хуыздӕр цардӕн. Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ӕппӕрстой ахӕстӕтты. Мардтой сӕ дуртӕй, лыгтӕ сӕ кодтой хырхӕй, [ракъахыны сӕраппонд сын ластой сӕ уд,] мардтой сӕ кардӕй, рахау-бахау кодтой фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты, уыдысты мӕгуыр, цардӕй ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг рӕтты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты. Ме 'фсымӕртӕ, Хицауы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр.
Выбор основного перевода