Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ сымахӕн, Мӕнмӕ хъусджытӕн, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн, Уе 'лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, кувут уе 'фхӕрджыты тыххӕй. Де 'хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр. Чидӕриддӕр дӕ кура, уымӕн ратт, ӕмӕ дӕ чи цы айса, уый-иу фӕстӕмӕ ма ӕрцагур. Адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны. Ӕмӕ сымахӕн хорзы чи бацӕуы, кӕд уыдонӕн кӕнут хорз, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр афтӕ кӕнынц. Ныфс уӕ кӕмӕй ис, бафиддзысты уын ӕй, зӕгъгӕ, кӕд ӕфстау уыдонӕн дӕттут, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр тӕригъӕдджынтӕн ӕфстау фӕдӕттынц, цӕмӕй фӕстӕмӕ райсой, цас радтой, уый бӕрц. Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Дунедарӕджы хъӕбултӕ – Уый хорз цӕстӕй кӕсы ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр. Уӕдӕ ут хӕрзгӕнджытӕ, уӕ Фыд хӕрзгӕнӕг куыд у, афтӕ. Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ӕй хъахъхъӕнджытӕй иу – хӕстӕг Ӕм чи лӕууыд, уый – ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз ӕвзӕрӕй исты загътон, уӕд ӕй сеппӕтӕн дӕр зӕгъ, ӕвзӕрӕй цы загътон, уый. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?» Йӕ фыдӕхӕн макӕмӕн фидут фыдӕхӕй. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл. Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты Хицау зӕгъы: «Мӕ бар у маст исын, Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн». Фыдӕх дӕ ма басӕттӕд, фӕлӕ фыдӕхыл уӕлахиз кӕн хорзӕхӕй. Уе 'взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у – Фыдӕхӕн ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхасӕн – ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн – Хуыцау сымах уый тыххӕй ӕрхуыдта. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Выбор основного перевода