Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ намысджынӕй куы ӕрцӕуа, уӕд сбаддзӕн Йӕ намысджын бынаты. Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ иуты ахицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕна, афтӕ. Фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – Йӕ галиу фарс. Уӕд Йӕ рахиз фарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый. Уымӕн ӕмӕ уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат. Дойны Мын уыд, ӕмӕ Мын радтат дон. Бӕлццон уыдтӕн, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат. Уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл скодтат дарӕс. Уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут. Уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕм ӕрцыдыстут". Уӕд Ын рӕстытӕ зӕгъдзысты: „Хицау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй ӕмӕ Дӕ кӕд бафсӕстам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам дойныйӕ, ӕмӕ Дын дон кӕд радтам? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй, ӕмӕ Дӕ кӕд суазӕг кодтам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам бӕгънӕгӕй, ӕмӕ Дыл дарӕс кӕд скодтам? Кӕд Дӕ федтам рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны, ӕмӕ Дӕм кӕд ӕрцыдыстӕм?" Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн бакодтат". Уӕд Йӕ галиу фарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм. Уымӕн ӕмӕ уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мын хӕринаг нӕ радтат. Дойны Мын уыд, ӕмӕ Мын дон нӕ радтат. Уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат. Уыдтӕн бӕгънӕг ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат. Уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕстоны, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут". Уӕд Ын уыдон дӕр зӕгъдзысты: „Хуыцау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ дойныйӕ, кӕнӕ бӕлццонӕй, кӕнӕ бӕгънӕгӕй, кӕнӕ рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?" Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый ацы кӕстӕртӕй иуӕн нӕ бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн нӕ бакодтат". Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты мыггагмӕ удхар кӕнынмӕ, рӕстытӕ та – мыггагмӕйы цардмӕ».
Выбор основного перевода