Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Ӕм Петр бахатыд: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас». Адӕм куы ацыдысты, уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, стӕй ма уым чи баззади, уыдон дӕр Ӕй фӕсномыг ныхӕсты тыххӕй бафарстой. Загъта ма сын: «Ацы фӕсномыг ныхас не 'мбарут, ӕви? Уӕд иннӕ фӕсномыг ныхӕстӕ та куыд бамбардзыстут? Ахӕм фӕсномыг ныхӕстӕй сын Йесо амыдта бирӕ, сӕ бон бамбарын цас уыд, уыйас. Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та хибарӕй ӕмбарын кодта ӕппӕт дӕр. Йесо адӕмы куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, цы фӕсномыг ныхас загъта, уымӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?»
Выбор основного перевода