Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уый райсдзӕни фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй, ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй. Уӕдӕ Мын сымахӕй дӕр ахуыргӕнинагӕн ничи бӕззы, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый куы нӕ ныууадза, уӕд. Фӕлӕ мӕм раздӕр ӕфтиаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл. Уый нӕ, фӕлӕ тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд – Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд – ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,
Выбор основного перевода