Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесо загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. Йесо сын загъта: «Ӕппӕты бон нӕу ацы ныхас ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Йесо дарддӕр загъта: «Гъе, Ӕз уын уый тыххӕй дзырдтон, Мӕнмӕ ӕрцӕуын никӕй бон у, зӕгъгӕ, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд». Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Йӕ Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцаумӕ ӕмбӕхст цы ис, уымӕ дӕр. Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл. Хуыцау Йӕ сусӕгдзинад раргом кодта мӕнӕн, ӕз уӕм уӕлдӕр цыбырӕй куыд ныффыстон, афтӕ. Ӕмӕ йӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн, ӕз Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базонын. Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад. Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы. Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн. Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцыдӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.
Выбор основного перевода