Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕкӕла, уый». Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын, Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи базыдта, фидӕны дунейы цы тых ӕвдыст ӕрцӕудзӕн, уый чи банкъардта, Ӕмӕ уый фӕстӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц. Бирӕ къӕвдатӕй ӕфсӕст ӕмӕ йӕм чи зилы, уыдонӕн цардыхосы зайӕгхал дӕттӕг зӕхх арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй; Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн. Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый. Уымӕн ӕмӕ тухӕн кодтат ахӕстытимӕ дӕр, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнӕфӕугӕ мулк кӕй ис, уый зонгӕйӕ.
Выбор основного перевода