Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ – йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, Цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн, Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ. Фӕлӕ мӕм раздӕр ӕфтиаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл. Уый нӕ, фӕлӕ тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд – Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд – ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти, Дыууадӕс дуары – дыууадӕс налхъуыты: алы дуар дӕр – ӕнӕхъӕн налхъуытӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
Выбор основного перевода