Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы фарны уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд – уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди, Ныр та раргом. Мыггагмӕ-йы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы зындгонд сси ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ Хуыцауӕн суой коммӕгӕс. Йесо Чырыстийы фӕрцы кад уӕд мыггагмӕ иунӕг ӕмӕ уӕлзонд Хуыцауӕн! Амен. Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл. Хуыцауы сусӕг фӕнд алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын. [Йесо Чырыстийы фӕрцы] ӕппӕт дӕр цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый рӕстӕджы райдианӕй басусӕг кодта Йӕ уыцы фӕнд, Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.
Выбор основного перевода