Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымах стут дунейы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы. Сымах стут дунейы рухс. Хохы сӕрыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй. Ӕмӕ цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй дурыны бын не 'вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, ӕмӕ хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕны. Афтӕ ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн. Куыд уӕм кӕсы? Искӕмӕ фондзыссӕдз фысы куы уаид ӕмӕ дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уаид, уӕд, мыййаг, йӕ нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕуид? Ӕмӕ йӕ куы ссара, ӕцӕг уын зӕгъын, уӕд чи нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн. Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды ацы кӕстӕртӕй иуы мӕлӕт дӕр. Ӕмӕ сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас: «Акӕсут-ма легъуибӕласмӕ ӕмӕ иннӕ бӕлӕстӕм. Уыдоны сыфтӕр рафтаугӕ куы фенут, уӕд ӕй уӕхӕдӕг дӕр фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс. Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕввахс, уый.
Выбор основного перевода