Ацы адӕймӕгтӕ иууылдӕр амардысты уырнджытӕй, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райсгӕйӕ; ӕрмӕст ӕй федтой дардмӕ, цин кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.
Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй.
Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы тухӕнты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры намысы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы афонмӕ ӕмӕ ӕууӕлтӕм амыдта, уый базоныныл.