Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Пилат алчертӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы Адӕймагмӕ ницы азым арын». Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уый зӕгъыны фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын. Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый». Алчертӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ Йесойы куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы аххос арын». Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй ма суат Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ». Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?" Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом: Федтон Хицауы, ӕмӕ мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй ам куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты". Фӕлӕ куыд федтон, афтӕмӕй йӕ цӕй тыххӕй амардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Гъе ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын. Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.
Выбор основного перевода