Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лӕппу дзуапп радта: «Иудейтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды. Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бадынц. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ нӕ бахӕрын ӕмӕ нӕ баназыныл. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у». Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у рын, ӕппӕт дунейы иудейты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг. Суанг архайдта Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йын тӕрхон кӕнын; Фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй, Ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн бафӕдзӕхста дӕумӕ фӕцӕуын.] Ацы лӕджы хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ». Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст. Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ, ӕмӕ кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт». Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи раст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау бафхӕрынмӕ никӕй дӕтты.
Выбор основного перевода