Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бадынц. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ нӕ бахӕрын ӕмӕ нӕ баназыныл. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».
Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Иерусалиммӕ; сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.