Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фондз боны фӕстӕ алчер Анани ӕрцыд адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ бахастой сӕ хъаст Павелыл. «Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон сты ацы адӕмы хорзӕхӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс. Бӕстӕйы хицау ӕм куы ацамыдта, уӕд Павел загъта: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ райгондӕй раст кӕндзынӕн мӕхи. Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.
Выбор основного перевода