Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ӕй хъахъхъӕнджытӕй иу – хӕстӕг Ӕм чи лӕууыд, уый – ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?»
Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз ӕвзӕрӕй исты загътон, уӕд ӕй сеппӕтӕн дӕр зӕгъ, ӕвзӕрӕй цы загътон, уый. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»