Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иухатт ӕхсӕвы Павелмӕ фӕзынд Хицау ӕмӕ йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур ӕнӕбанцайгӕйӕ. Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелӕн йӕ зӕрдӕ загъта Македонийыл ӕмӕ Ахайыл Иерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Иерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр». Ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр". Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар. Иудейтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта сӕ баууӕндын кӕныныл.
Выбор основного перевода