Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ». Иудейтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд, ӕмӕ сӕм ӕй ракодта. Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл. Уымӕн ӕмӕ нӕхицӕй мӕнӕ уымӕй ӕппӕлӕм: дунейы, уӕлдайдӕр та сымахмӕ, мах фӕцардыстӕм хӕдӕфсармӕй, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн не 'фсарм – ӕвдисӕн. Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомимӕ Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода