Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цавӕрдӕр кириниӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ – «Сӕрибар райсджыты» синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Киликийӕ ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕуы бацыдысты Стефанимӕ. Павел йӕ дзых нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейтӕн загъта: «Иудейтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн. Фӕлӕ ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уӕ Ӕгъдауыл кӕй у уӕ быцӕу, уымӕ гӕсгӕ уӕ бар уӕхи. Нӕ мӕ фӕнды, ӕмӕ уын уыдӕтты тӕрхонгӕнӕг ӕз уон». Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ ӕз ӕнхъӕл цы фыдракӕндтӕй уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой. Фӕлӕ сын йемӕ уыди цӕйдӕр быцӕутӕ сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй – Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ. Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ. Уыдон ӕркастысты мӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ мӕ хъавыдысты рауадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккаг цы уа, ахӕмӕй ницы ракодтон.
Выбор основного перевода