Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. Уыдон Ын загътой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та – Иеремийыл кӕнӕ пехуымпартӕй иуыл». Адӕм та дзырдтой: «Уый Йесо-пехуымпар у, галилейаг Назаретӕй». „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц». Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Дзы тарстысты, Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы кӕй ӕфтыдта, уый тыххӕй. «Адӕмӕй» зӕгъынӕй та адӕмӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕй пехуымпар кӕй уыд, уый. Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ». Йесо цы загъта, уый адӕм куы фехъуыстой, уӕд дзы иутӕ дзырдтой: «Уый ӕнӕмӕнг пехуымпар у». Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой. Апостолты бафхӕрыны амал сын нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн –
Выбор основного перевода