Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй.
Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ».
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».