Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы рӕстӕг Аргъауӕг Иоанн Иудейаг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы райдыдта адӕмӕн дзурын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад». Иоанн уыди, Исай-пехуымпар рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"». Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та уыди гӕрзӕй рон; йӕ хойраг уыдысты мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд. Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ, Иорданы алфамбылайӕ ӕппӕт адӕм дӕр цыдысты Иоаннмӕ, Ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны. Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй бирӕтӕ саргъауынмӕ кӕй цӕуынц, уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды? Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. Ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд, ӕмӕ зӕгъат уӕхицӕн: „Нӕ фыдӕл Авраам у". Зӕгъын уын, Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын. Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕлӕстӕ бындзарӕй акалынмӕ цӕттӕ у: хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты. Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн Йӕ мус. Мӕнӕу бафснайдзӕн Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты». Уӕд Йесо Галилейӕ ӕрцыд Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн саргъауа. Иоанн та Йӕ урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Хъуамӕ Ды саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрцыдтӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Ныртӕккӕ Мӕ бауадз. Уымӕн ӕмӕ мах Хуыцауы алы домӕн дӕр афтӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм». Ӕмӕ Йӕ уӕд Иоанн бауагъта. Йесо куы саргъуыдта ӕмӕ уайтӕккӕ донӕй куы рахызт, уӕд Йӕ сӕрмӕ фегом арвы дуар, ӕмӕ федта Хуыцауы Уды бӕлонау ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йыл ӕрцӕйбадгӕ. Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у». Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый кӕмӕй уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй" куы зӕгъӕм, уӕд бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?" Ӕрцыдысты саргъауынмӕ хъалонисджытӕ дӕр ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?» Уый сын дзуапп радта: «Цы ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй ма домут». Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй. Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой.
Выбор основного перевода