Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди сымахӕн раст фӕндаг бацамонынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не 'рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут. Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг Захарийы фырт Иоанн уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, ӕмӕ йын Хуыцау загъта Йӕ ныхас. Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой. Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн. Иудейтӕ Иерусалимӕй сауджынты ӕмӕ левитты куы арвыстой Иоанны бафӕрсынмӕ: «Ды чи дӕ?», Уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта, ӕз Чырысти нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илиа дӕ?» Уый загъта: «Илиа нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн». Бафарстой та йӕ: «Уӕдӕ чи дӕ? Цы дзуапп раттӕм нӕ рарвитджытӕн? Дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?» Уый сын дзуапп радта Исай-пехуымпары ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг ран фидиуӕджы хъӕлӕс: ӕмраст скӕнут Хицауӕн Йӕ фӕндаг». Уӕд фарисейтӕ кӕй рарвыстой, Уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ кӕд ды нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илиа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?» Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе 'хсӕн лӕууы, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый – Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг. Ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн». Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы иннӕ фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым. Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг".
Выбор основного перевода