Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ. Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм. Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн». Уӕдӕ уын зындгонд уӕд: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».
Выбор основного перевода