Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс. Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый. Ӕмӕ сын загъта ацы фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймагӕн йӕ сӕнӕфсирдоны уыди легъуибӕлас, ӕрцыд ӕм гагатӕ ӕртонынмӕ, фӕлӕ йыл не ссардта. Уӕд загъта сӕнӕфсирдонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуибӕласыл гагатӕ фенынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ арын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕхх дӕр цы ахсы". Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ме 'лдар, ныууадз-ма йӕ ацы аз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн, Кӕд ыл инназ гагатӕ ӕрзаид; кӕд нӕ, уӕд ӕй акалдзынӕ"». Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн.
Выбор основного перевода