Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хоривы Ӕз къӕдзӕхыл ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды ӕрцӕвдзынӕ къӕдзӕх, ракӕлдзӕн дзы дон, ӕмӕ адӕм нуаздзысты». Ӕмӕ Моисей Израилы хистӕрты раз бакодта афтӕ. „Сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси", Йесо уыцы дур у, ӕмӕ ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй. Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын, кӕуыл кӕлдзысты ӕмӕ хаудзысты, уыцы дур. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн». Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн». Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур». Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс кӕй не сты, уый тыххӕй Йыл фӕкӕлынц. Афтӕ сын снысан кодта Хуыцау.
Выбор основного перевода