Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Илиа у»; аннӕтӕ та дзырдтой: «Уый раздӕры пехуымпарты хуызӕн пехуымпар у».
Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон: уымӕн ӕмӕ Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран амарой пехуымпары, уымӕн уӕвӕн нӕй.
Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у».
Йесо цы загъта, уый адӕм куы фехъуыстой, уӕд дзы иутӕ дзырдтой: «Уый ӕнӕмӕнг пехуымпар у».
Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Уӕ Хицау Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе 'фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар; ӕмӕ уын Уый цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.