Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуанмӕ, Ӕмӕ рахастой Йесойы хинӕй ӕрцахсыны ӕмӕ Йӕ амарыны уынаффӕ. Куы сбон, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сеппӕт дӕр бауынаффӕ кодтой Йесойы тыххӕй, цӕмӕй Йӕ раттой амарынмӕ. Пилат зыдта, Йесойы йын йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый. Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йыл йӕхионтӕ нӕ баууӕндыдысты. Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейӕйыл цӕуын та Йӕ нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейтӕ агуырдтой амарынмӕ. Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы. Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй.
Выбор основного перевода