Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ кӕй ныммардта, уыцы ӕстдӕс лӕджы Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕй аххосджындӕр уыдысты?
Уый дзуапп радта: «Йесо Чи хуыйны, Уый сызмӕста сыджыт, байсӕрста мын дзы мӕ цӕстытӕ ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ дӕхи цӕхс". Ӕз ацыдтӕн, мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ мӕ цӕстытӕй ракастӕн».
Уыдонӕй иуӕй-иутӕ та загътой: «Куырмӕн йӕ цӕстытӕ Чи байгом кодта, Уымӕн Йӕ бон нӕ бауыдаид, цӕмӕй ацы адӕймаг ма амӕла?»
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»
Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ – мӕрддзаг хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом – сӕрӕмбӕрзӕнӕй баст. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй ӕмӕ ацӕуа».