Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Фӕндагыл сыл ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлд Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтыл ныттыхстысты. Йесо йын загъта: «Уыйбӕрц рӕстӕг дӕн уемӕ, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды"? Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм раздӕхт ӕмӕ Йын дзуттагау загъта: «Раввуни!» (ома, Ахуыргӕнӕг). Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме 'фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"». Фома йын дзуапп радта: «Мӕ Хицау ӕмӕ Мӕ Хуыцау!»
Выбор основного перевода