Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын сымахӕн лӕвӕрд у, уыдонӕн та лӕвӕрд нӕу. Кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр. Фӕсномыг ныхӕстӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусынц, фӕлӕ сӕм нӕ хъуысы, ӕмӕ не 'мбарынц". Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон". Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ. Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ ӕппӕт тӕрхон бакодта Фырты бар, Ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый Адӕймаджы Фырт у. Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. Сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Ӕз та никӕмӕн тӕрхон кӕнын. Фӕлӕ кӕд Ӕз тӕрхон кӕнын, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн – Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис. Мӕ ныхӕстӕ чи фехъуса ӕмӕ сӕ чи не 'ххӕст кӕна, уымӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не 'рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ. Хивӕнд адӕм! Сымахӕн уӕ буар сунӕт у, уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ та сунӕтгонд не сты. Сымах уӕ фыдӕлты хуызӕн стут – кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут. Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат. Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».
Выбор основного перевода