Ӕз куы не 'рцыдаин ӕмӕ сын куы нӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты.
Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны.
Ӕз сӕ разы куы нӕ скодтаин, ӕндӕр исчи кӕй нӕ сарӕзтаид, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.