Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ныууадзут сӕ, уыдон куырмыты куырм фӕтӕгтӕ сты. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ныххаудзысты уӕрмы». Куырм фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ ссыгъдӕг кӕн мидӕгӕй, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр уыдзысты сыгъдӕг. Ныр та дӕумӕ дзурын, дӕхи иудей хонӕг. Ныфс дӕ ис Ӕгъдауӕй; дӕхицӕй ныббуц дӕ, цыма Хуыцау дӕумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы; Хуыцауӕн фӕндиаг цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл; Фидарӕй ӕууӕндыс, цыма куырмытӕн фӕндагамонӕг дӕ, талынджы цӕрджытӕн – рухс, Ӕнӕзӕндтӕн – зондамонӕг, сывӕллӕттӕн – ахуыргӕнӕг; ӕппӕт зонынад ӕмӕ ӕцӕгад дын Ӕгъдауы сты. Уӕдӕ, иннӕйы ахуыр кӕнгӕйӕ, дӕхи цӕуылнӕ ахуыр кӕныс? Нӕ давыныл куы ахуыр кӕныс, уӕд дӕхӕдӕг цӕмӕн давыс? Зӕгъыс «ма хӕт» ӕмӕ хӕтыс. Ӕлгъ кӕныс гуымирытыл, ӕмӕ къахыс кувӕндӕттӕ. Ӕгъдауӕй буц дӕ, фӕлӕ Ӕгъдау кӕй халыс, уымӕй ӕгад кӕныс Хуыцауы. Сыгъдӕг Фыст сымах тыххӕй зӕгъы: «Уӕ аххосӕй фауынц муртаттӕ Хуыцауы».
Выбор основного перевода