Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд кӕддӕриддӕр хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕвдисы, Йӕхӕдӕг цы кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ. Фенын Ын кӕндзӕн ацы хъуыддӕгтӕй ноджы стырдӕртӕ, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут. Йесо дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс. Уӕд сын Йесо загъта: «Иуцасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕн рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, талынг уӕ куыд нӕ фӕбынӕй кӕна, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕг нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый. Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй. Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозтыл ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтыныл ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутыл ӕмӕ хӕлӕгыл. Уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр рухсы хъӕбултӕ ӕмӕ боны хъӕбултӕ стут. Мах ӕхсӕвы хъӕбултӕ дӕр не стӕм ӕмӕ талынджы хъӕбултӕ дӕр. Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус. Уымӕн ӕмӕ фынӕйгӕнджытӕ ӕхсӕв фӕфынӕй кӕнынц, ӕмӕ расыггӕнджытӕ ӕхсӕвы барасыг вӕййынц. Мах та боны хъӕбултӕ стӕм, ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та – не згъӕрхуд.
Выбор основного перевода