Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Адӕм та дзырдтой: «Уый Йесо-пехуымпар у, галилейаг Назаретӕй». Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой. Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ». Сылгоймаг Ын загъта: «Ме 'лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый. Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у». Йесо цы загъта, уый адӕм куы фехъуыстой, уӕд дзы иутӕ дзырдтой: «Уый ӕнӕмӕнг пехуымпар у». Йӕ цӕстытӕй куыд ракаст, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ райдыдтон уынын».
Выбор основного перевода